Русские видео

Сейчас в тренде

Иностранные видео


Скачать с ютуб Зындгонд ирон кинорежиссер, сценарист Джусойты Муратыл ацы аз сæххæст 60 азы в хорошем качестве

Зындгонд ирон кинорежиссер, сценарист Джусойты Муратыл ацы аз сæххæст 60 азы 5 лет назад


Если кнопки скачивания не загрузились НАЖМИТЕ ЗДЕСЬ или обновите страницу
Если возникают проблемы со скачиванием, пожалуйста напишите в поддержку по адресу внизу страницы.
Спасибо за использование сервиса savevideohd.ru



Зындгонд ирон кинорежиссер, сценарист Джусойты Муратыл ацы аз сæххæст 60 азы

Зындгонд ирон кинорежиссер, сценарист Джусойты Муратыл ацы аз сæххæст 60 азы. Йæ азты сæрты акæсгæйæ, Джусойты Муратæн бантыст бирæ. Чи нæ зоны ахæм кинонывтæ: «Хохаг», «Человек в зеленом кимоно», «Фанат». Кинонывтæ сæ рæстæджы æмæ ныр дæр фæндаг ссардтой адæмы зæрдæтæм. Абон Дзæуджыхъæуы центрон чиныгдоны ацыд кинорежисеры аивадон изæр. Æмбæлттæ, куысты хæлæрттæ, аивады фæндагыл йемæ æмдзу чи кодта, æмæ йæ кинонывтæн стыр аргъ чи кæны. Курдиатджын кинорежиссер Джусойты Муратæн иу хатт ма «Бузынг» зæгъын алкæйдæр фæнды. Кинонывты ирон адæймаджы удыхъæд, йе ’цæг хуыз æмæ истори чи равдыста, уыцы адæймаджы ма иу хатт ныхасæй барæвдауын сæмбæлдысты æхсæнадон æмæ аивадон архайджытæ. Зындгонд поэт æмæ журналист Къадзаты Станислав куыд зæгъы, афтæмæй Джусойты Мураты руаджы ирон кинематографи бирæ ирд сурæттæй схъæздыг. Джусойты Муратæн ахъсджиаг у кинонывты равдисын адæймаджы удыхъæд, йæ зондахаст, йæ миниуджытæ æмæ хъуыдытæ. Сæйрагдæр та йевзаг. «Иууылдæр хъамæ уой ирон», - афтæ зæгъы Джусойты Мурат йæхæдæг. Кæстæр фæлтæрæн кинорежиссеры цардвæндаг дæнцæгæн хæссинаг кæй у, ууыл æмбырды архайджытæ иумæ ныхас кæнынц. Сфæлдыстадмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта «Ирыстоны намысы» майданæй. Кадджын уавæры йæ юбилярæн балæвар кодтой сæргълæууæджы залы. Битарты Вячеслав Джусойты Муратæн загъта бузныджы ныхæстæ, культурæйы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй. Æгæрон курдиаты хицау, Джусойты Мурат у кинонывтæ «Горец», «Рудник», «Человек в зеленом кимоно», «Коста» æмæ æндæрты автор. Режиссеры кустытæн стыргъ аргъ кæнынц Уæрæсейы æмæ æппæтадæмон кинофестивальты. Ахæм адæймаджы тыххæй иу зæгъынц- хæзнаты хæзна зæгъгæ. Уый та уымæн æмæ кинойы фæрцы Джусойты Мурат ссардта йæхи царды æмæ адæмы зæрдæтæм фæндаг. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv    / irystontv   twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Comments